Хуссар Ир ӕрбаиу Сагкаты Мияйӕн хос кӕнынӕн фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кӕныны акцимӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны бамбал сты уӕззау рынчын дзӕуджыхъӕуккаг чызг Сагкаты Мияйӕн хос кӕнынӕн фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кӕныны акцимӕ. Активисттӕ архайынц Цхинвалы концерт бацӕттӕ кӕныныл, фехъусын кодта Sputnik акцийы инициатор, ПТРК кусӕг Джиоты Оксана.
Чысыл чызг Сагкаты Мия рынчын у сывӕллӕтты церебралон параличӕй, йӕ ӕнӕниздзинад сӕндидзӕн кӕнынӕн хъӕуы вазыгджын операци, кӕцы саразӕн ис ӕрмӕст Америкайы иугонд штатты, йӕ аргъ 3,5 милуан сомы.
Бинонтӕ уал йӕ иу хай - 2 милуан ӕмӕ 400 мины ӕрӕмбырд кодтой.
"ПККЗ "Чермен"-ы 19 февралы ацӕудзӕн концерт чысыл Мияйӕн баххуыс кӕныны нысанӕн. Ӕз, Бететы Алим ӕмӕ Хъотайты Сӕрмӕтимӕ скъуыддзаг кӕнӕм организацион фарстытӕ. Уыдзӕн дзы зарӕггӕнджытӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй", - загъта Джиоты Оксана.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалмӕ концертмӕ ӕрцӕудзӕн Сагкаты Мия йӕ ныййарӕгимӕ.
"Иууыл иумӕ нӕ тыхы ис, цӕмӕй чызджы йӕ къахыл слӕууын кӕнӕм", - бафтыдта уый.
Чызгӕн операци нысан у апрельмӕ, фӕлӕ марты фӕрӕзтӕ хъуамӕ ӕрвыст ӕрцӕуой клиникӕйы хыгъдмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0