Цхинвалы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ дыццӕджы нӕ кусдзысты

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 фев - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы ахуырадон уагдӕттӕ дыццӕджы нӕ кусдзысты. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта столицӕйы администрацийы ахуырады дӕлхайады хистӕр Биазырты Татьяна.
"Хуссар Ирыстоны столицӕ аварийы аххосӕй баззад ӕнӕ рухсӕй, уый фӕдыл фадат нӕй ӕрцӕттӕ кӕнын хӕринаг сабидӕтты. Скъолатӕ дӕр нӕ кусдзысты", - загъта Биазырты Татьяна.
Хуссар Ирыстоны столицӕ дысон ӕхсӕв баззад ӕнӕ электроэнергийӕ тыхдымгӕ ӕмӕ хуылыдз миты тыххӕй. "Энергоресурс"-ы кусджытӕ райсом цыппар сахатӕй фӕстӕмӕ агуырдтой аварийы бынат Цхинвал ӕмӕ Дзауы ӕхсӕн. Электроэнерги ныридӕгӕн сцалцӕг кодтой горӕты фылдӕр хайы.
Ног хабӕртты лентӕ
0