Цхинвалы цæрæг сылгоймаджы фæивар кодтой 80 мин сомы бæрц тобæгонд буарадтæ æвæрыны тыххæй

© Depositphotos.com / JanPietruszkaТæрхондон
Тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik. Тæрхондон фæивар кодта Цхинвалы цæрæг сылгоймаджы 80 мин сомы бæрц тобæгонд буарадтæ æвæрыны тыххæй, хъусын кæны дыццæджы республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æрцахстой Цхинвалы 49-аздзыд цæрæг сылгоймаджы 1 февралы.
"Фатеры басгæрсты рæстæджы оперативон кусджытæ ссардтой буарад "Габапентин"-ы 1200 капсулæйы. Афтæ ма медицинон басгæрст сбæрæг кодта, сылгоймаг йæхæдæг кæй пайда кодта наркотикон буарад "Лирика"-йæ" - банысан кодтой пресс-службæйы.
Сылгоймаджы сбадын кодтой ахæстоны иу мæйы æмгъуыдмæ, афтæ ма йæ фæивар кодтой 80 мин сомы бæрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0