Владимир Путин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн йæ райгуырæн боны цытæн

© Sputnik / Михаил КлиментьевВладимир Путин æмæ Гаглойты Алан
Владимир Путин æмæ Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik, Козаты Диана. Уæрæсейаг минæвар Марат Кулахметов радта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланæн арфæйы тел Уæрæсейы президент Владимир Путинæй.
Паддзахады сæргълæууæг дыццæджы нысан кæны йæ райгуырæн бон, президентыл сæххæст 43 азы.
"Зæрдæбынæй арфæ кæнын Дæ райгуырæн боны цытæн. Мæ зæрдæ Дын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, хæрзæбон æмæ æнтыстытæ паддзахадон архайды", - дзырдæуы уæрæсейаг президенты арфæйы ныхасы.
Марат Кулахметов банысан кодта, Хуссар Ирыстоны президенты адресмæ кæй æрцыдысты арфæйы телтæ Федерацийы Совет Валентина Матвиенкойæ, УФ премьер-министр Михаил Мишустинæй æмæ УФ Æдасдзинады советы разамонæджы хæдивæг Дмитрий Медведевæй.
Гаглойты Алан ракуырдта зæгъын Владимир Путинæн бузныджы ныхæстæ йæ арфæйы тыххæй æмæ фидарæй загъта, паддзахады раз лæууæг хæслæвæрдтæ кæй скъуыддзаг кæндзысты иумæйаг тыхтæй.
Гаглойты Алан æмæ Марат Кулахметов
Алан Гаглоев и Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2024
Гаглойты Алан æмæ Марат Кулахметов
Ног хабӕртты лентӕ
0