Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Байаты Давид рацыд ӕвзӕрст Европӕйы чемпионатмӕ

© Sputnik / Минспорт РСО-АОсетинский борец Давид Баев
Осетинский борец Давид Баев  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Байаты Давид хайад райсдзӕн Европӕйы чемпионаты Бухаресты (Румыни).
Контролон тохы Европӕйы чемпионатмӕ ацӕуыны фӕдыл Байаты Давид рамбылдта дагестайнаг Магома Дибиргаджиевы. Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг 74 кг уӕзы категорийы рамбылдта 9:5 хыгъдӕй.
Афтӕмӕй Байаты Давид ссис Ирыстоны фынддӕсӕм минӕвар Европӕйы чемпионаты.
Байаты Давид у дунейы чемпион 2019 азы. Афтӕ ма уымӕ ис Уӕрӕсейы чемпионатты сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ дыууӕ бронзӕйон майданы.
Европӕйы чемпионат спортивон хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн Бухаресты 12-ӕй 18-ӕм февральмӕ. Уӕрӕсе ӕмӕ Белорусийы спортсментӕ хайад райсдзысты турниры нейтралон статусы.
Ног хабӕртты лентӕ
0