Хуссар Иры сӕнусон кӕндзысты хуссарирыстойнаг хӕстонты, кӕцытӕ фӕмард сты СӔО зонӕйы

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры сӕнусон кӕндзысты хуссарирыстойнаг хӕстонты, кӕцытӕ фӕмард сты СӔО зонӕйы
Хуссар Иры сӕнусон кӕндзысты хуссарирыстойнаг хӕстонты, кӕцытӕ фӕмард сты СӔО зонӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕнусон кӕндзысты хуссарирыстойнаг хӕстонты, кӕцытӕ фӕмард сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕйы. Фӕмардуӕвӕг хӕстонты портреттӕ сӕвӕрдзысты стендыл горӕты администрацийы фойейы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта проекты инициатор, горӕты ветеранты советы секретарь, адӕмон ахуыргӕнӕг Бестауты Аза.
Информаци ӕмбырд кӕныныл куыст цӕуы ветеранты республикон советы базӕйыл.
"Мах фӕнды сӕнусон кӕнын сӕ нӕмттӕ. Хӕстонты къамтимӕ стенд сӕвӕрдзыстӕм Цхинвалы администрацийы фойейы, уырдӕм ӕрвылбон сӕ цардуагон хъуыддӕгты фӕдыл цӕуынц Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай цӕрджытӕ", - загъта Бестауты Аза.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон ӕмбырд кӕнынц фӕмардуӕвӕг хӕстонты биографион бӕрӕггӕнӕнтӕ, цӕмӕй фидӕны рауадзой чиныг.
Бестауты Аза 49 азы фӕкуыста скъолайы, бирӕ рӕстӕг уыд фӕндзӕм астӕуккаг скъолайы директор.
Хуссар Ирыстонӕй СӔО зонӕйы фӕмард сты 34 адӕймаджы, ноджы ма цалдӕр ӕфсӕддоны та ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0