Куыстой ӕнӕхъӕн ӕхсӕв: Хуссар Иры районты дарддӕр сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй

© Photo : Комавтодор РЮО Хуссар Иры районты дарддӕр сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй
Хуссар Иры районты дарддӕр сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕндагон службӕтӕ суткӕйӕ фылдӕр сыгъдӕг кӕнынц Цхинвал-Ленингор трассӕ, фехъусын кодта республикӕйы автомобилон фӕндӕгты арӕзтады комитеты разамонӕг Гӕбӕраты Алан.
"Уӕззау трассӕ у, ӕмӕ дзы ноджы ныууарыд бирӕ мит. Знон аскъуыддзаг кодтам, техникӕйы хай кӕй адарддӕр кӕндзӕн йӕ куыст районмӕ фӕндагыл, аннӕ хай та ацӕудзӕн Громы хъӕуы уылты, ӕмӕ комы бӕрзӕндӕй ӕрцӕудзӕн бынмӕ мит хафгӕ. Ныртӕккӕ уыдон фембӕлдысты", - радзырдта Гӕбӕраты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, трассӕйы фылдӕр хай ссыгъдӕг кодтой, ныр та фӕндагон службӕтӕ кусдзысты фӕндаг рауӕрӕх кӕныныл.
Комавтодоры сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, фӕндагон службӕты кусджытӕ ма ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕмӕ райсом куыстой Дзауы районы, уыдон сыгъдӕг кодтой Къуаисӕмӕ фӕндаг.
© Photo : Комавтодор РЮО Хуссар Иры районты дарддӕр сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй
Дорожники расчищают трассу после сильных осадков  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2024
Хуссар Иры районты дарддӕр сыгъдӕг кӕнынц фӕндӕгтӕ митӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0