Транскам сӕхгӕдтой зӕйы ӕрцыды тыххӕй

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой фӕндагон змӕлд зӕйы ӕрцыды тыххӕй Уӕллаг Руъчы хъӕуы, хъусын кӕны ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Бынаты кусынц фӕндагон ӕмӕ экспертон службӕтӕ. Автотранспорты змӕлдыл тобӕ архайдзӕн сӕрмагонд барамынды онг", - банысан кодтой министрады.
Транкавказаг автомагистраль у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ, цæуы уæлхох бынæтты, йæ дæргъад у 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0