Транскамы систой арӕнӕвӕрдтӕ уӕзласӕн хӕдтулгӕты змӕлдыл – Хуссар Иры УУМ

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль гом у транспорты алы хуызтӕн дӕр, сӕ нымӕцы уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕ дӕр, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй ӕртыццӕджы райсом трассӕ сӕхгӕдтой Ручъы хъӕуы зӕйты ӕрцыды тыххӕй. Фӕндаг митӕй куы ссыгъдӕг кодтой, уӕд фӕндагон змӕлд сног кодтой ӕрмӕстдӕр рог транспортӕн.
"Уӕзласӕн хӕдтулгӕты змӕлдыл тобӕ систой", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0