Джиоты Æхсар: тыхæй ма пайда кæныны документ у стабилондзинады сæйраг элемент Фæскавказы

© Sputnik / Наталья АйриянПрезиденты администраци
Президенты администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik, Козаты Диана. Гуырдзыстоны 'рдыгæй æдасдзинады гарантитæ куы нæ уа, уæд Фæскавказы стабилондзинад никуы уыдзæн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) разамонæг Джиоты Æхсар йæ эксклюзивон интервьюйы Sputnik-æн.
Министр банысан кодта, 2008 азы августы хæсты фæстæ фарсытæ контакт кæнынц æрмæстдæр Женеваг дискусситы фæлгæтты, уыдоны радон раунд нывæндынц ауадзын марты.
"Ацы рæстæджы дæргъы нæ делегацийы сæйраг тыхтæ здæхт уыдысты тыхæй ма пайда кæныны фæдыл документ бафыссынмæ. Уый у иууыл ахсджиагдæр момент ацы процессы, уымæн æмæ æнæ æдасдзинады гарантитæй æндæр фарстытæ дæр размæ нæ цæудзысты", - загъта Джиоты Æхсар.
Афтæ ма ФХМ сæргълæууæг бахахх кодта, республикæйы алыхатт дæр ныфс кæй вæййы, сæйраджыдæр, Уæрæсейæ, уымæн æмæ уый у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинады гарант.
Ног хабӕртты лентӕ
0