Хуссар Иры УУМ фехъусын кодтой Транскамы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль кусы штатон режим, ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Февралы трассӕ цалдӕр хатт сӕхгӕдтой ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйты ӕрцыды тыххӕй.
"Хӕхты ныртӕккӕ ис хорз боныгъӕд, ӕнӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕй", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0