РХИ Контролон-нымайæн палатæйы разамонæг хатдзæгтæ скодта 2023 азы куыстæн

© freepik / pressfotoКалькулятор
Калькулятор  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Контролон-нымайæн палатæ 2023 азы ауагъта 27 контролон мадзалы, кæцыты рæстæджы сбæрæг кодтой фехæлдтæ 282 милуан сомы бæрц. Уый тыххæй Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта органы разамонæг Плиты Алымбег.
"Ацы 27 мадзалæй æнтыстджынæй ауагътам 22 басгæрсты, ноджы фондзы фæдыл та цæуы куыст. Басгæрстты рæстæджы сбæрæг кодтам фехæлдтæ 282 милуан сомы бæрц. Ацы мадзæлтты фæстиуæгæн 13 æрмæджы арвыстам Генпрокуратурæмæ", - загъта уагдоны сæргълæууæг.
Плиты Алымбег банысан кодта, басгæрстты фæстиуæгæн организацитæн кæй раттынц Контролон-нымайæн палатæйы рагфæдзæхсттæ, кæцытæ æнæмæнг хъæуы сæххæст кæнын.
"Хъыгагæн, нæ рагфæдзæхсттæй бирæтæ нæ сæххæст кæнынц нысангонд æмгъуыдмæ. Фæлæ уын фидарæй зæгъдзæн, мах кæй кусæм æмæ дарддæр тырндзыстæм, цæмæй бюджеты алкæцы сом дæр хардз цæуы нысанмæ гæсгæ", - бахахх кодта уагдоны сæргълæууæг.
© Sputnik / Natalia AiriyanПлиты Алымбег
Алимбег Плиев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2024
Плиты Алымбег
Ног хабӕртты лентӕ
0