Транскамы бырынцъаг фæндаджы аххосæй сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОТранскамы бырынцъаг фæндаджы аххосæй сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы
Транскамы бырынцъаг фæндаджы аххосæй сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik. Транскамы бырынцъаг фæндаджы аххосæй æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ) дыууæ хæдтулгæйы хайадистæй, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Авари æрцыд Дзауы районы Уанелы хъæуы цыппæрæмы райсом.
"Бырынцъаг трассæйы аххосæй "Toyota Camry" æмæ "Toyota Land Cruiser 200"-ы шофыртæ нæ сырæхстысты скъæрын æмæ сæмбæлдысты", - банысан кодтой пресс-службæйы.
ФТЦ фæстиуæгæн бахъыгдард "Camry"-йы шофыр, уый бахъуыд госпитализаци.
© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОТранскамы бырынцъаг фæндаджы аххосæй сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы
ДТП на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2024
Транскамы бырынцъаг фæндаджы аххосæй сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæйы
Ног хабӕртты лентӕ
0