Хӕст райдыдта Украинӕ, Уӕрӕсейы нысан – ӕрлӕууын ӕй кӕнын: цы загъта Путин йӕ интервьюйы

© POOL /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин радта интервью америкӕйаг журналист Такер Карлсонӕн. Уый райдыдта интервью фарстӕй, уӕрӕсейаг лидер афтӕ цӕмӕн хъуыды кодта, ӕмӕ Америкӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цӕф фӕкодтаит Уӕрӕсейы НАТО-йы руаджы, хъусын кӕны РИА Новости.

"2022 азы дыууын цыппӕрӕм февралы Ды бӕстӕ ӕмӕ нацимӕ ныстуаны рӕстӕджы фехъусын кодтай, Америкӕ НАТО-йы руаджы ӕнӕнхъӕлӕджы атакӕ кӕй хъуамӕ скодтаид уӕ бӕстӕйыл. Америкӕйӕгтӕн уый у паранойяйы хуызӕн. Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕныс ӕмӕ Америкӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цӕф фӕкодтаид Уӕрӕсейы?", - бафарста Карлсон.

Йӕ дзуаппы Путин банысан кодта, кӕй нӕ дзырдта, Америкӕ кӕй фӕнд кодта ӕнӕнхъӕлӕджы цӕф фӕкӕнын Уӕрӕсейы.
"Ӕз афтӕ нӕ дзырдтон. Ток-шоу нын ис ӕвӕ ахсджиаг ныхас?", - бафарста йӕ Путин.
"Хорз цитатӕ у. Бузныг. Ахсджиаг ныхас нын ис", - загъта америкӕйаг журанлист.

ЦРУ-йы егъау рӕдыд

Уӕрӕсейаг лидер банысан кодта, 2014 азы ЦРУ кӕй сӕххӕст кодта паддзахадон фӕфӕлдӕхт Украинӕйы, техникон ӕгъдауӕй алцыдӕр уыд раст арӕзт, фӕлӕ политиконӕй та – егъау рӕдыд.
Уӕрӕсейаг лидер зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, Украинӕ кӕй райдыдта хӕст Донбассы 2014 азы.
"Уыдон райдыдтой хӕст Донбассы 2014 азы, пайда кодтой авиаци ӕмӕ артиллерийӕ сабыр цӕрджыты ныхмӕ. Уымӕй райдыдта алцыдӕр", - загъта Путин.
Президент фехъусын кодта, зӕгъгӕ, сӕ Америкӕ уыййонг бакодта, ӕмӕ сын ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, кӕннод пырх ӕрцыдаид Уӕрӕсе йӕхӕдӕг.

Хӕст райдыдта Украинӕ, Уӕрӕсейы нысан – ӕрлӕууын ӕй кӕнын

Уӕрӕсейӕн йӕ бон нӕ уыд ныууадзын уырыссаг адӕмы "ӕфсӕддон машинӕйы бын".
"Хӕст райдыдтой уыдон 2014 азы. Нӕ нысан – ӕрлӕууын ӕй кӕнын. 2022 азы дӕр нӕ архайд здӕхт уыд хӕст ӕрлӕууын кӕнынмӕ", - загъта Путин.
Ныры уавӕры тыххӕй дзургӕйӕ Уӕрӕсейы президент банысан кодта, 2022 азы Украинӕимӕ баныхас кӕронмӕ фӕцӕйхӕццӕ кодта, фӕлӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ Киевы бынӕй куы рацыдысты, уӕд украинӕйаг фарс ӕрлӕууын кодта баныхас.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Владимир Зеленский ацыд дарддӕр ӕмӕ законмӕ гӕсгӕ тобӕ сӕвӕрдта Уӕрӕсеимӕ баныхас уадзыныл.

Америкӕйы нӕ хъӕуы хӕцын Украинӕйы

Президент фехъусын кодта, Америкӕ йе ‘фсӕдтӕ куы арвита Украинæмæ, уæд уый бакæндзæн дуне глобалон конфликтмæ, уыимæ иумæ Америкæйæн йæхицæн бирæ проблемæтæ ис, æмæ йын Украинæйы хæцын ницы пайда у.
Ног хабӕртты лентӕ
0