Хуссар Иры фæндагон кусджытæ бахаудтой зæйы бын Транскам сыгъдæг кæныны рæстæджы

© Sputnik / Denis Abramov /  Ахизын медиабанкмæТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæндагон службæты кусджытæ бахаудтой зæйы бын Транскавказаг автомагистраль сыгъдæг кæныны рæстæджы, цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта РХИ Комавтодоры сæргълæууæг Гæбæраты Алан.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй майрæмбоны трассæйы хуссарирыстойнаг хайыл æрцыдысты зæйтæ, фæндагон службæты кусджыты оперативон архайды руаджы фæндагон змæлд не ‘рлæууыд.
"Нæ кусджытæ сыгъдæг кодтой трассæ зæйтæй. Куыстытæ куы фæуд кодтой, уæд сыл рацыд ноджы иу зæй. Транспорт æнæхъæнæй фæцис миты бын. Адæм аирвæзтысты", - радзырдта Гæбæраты Алан.
Транскам   - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2024
Хуссар Иры УУМ радзырдта Транскамы уавæры тыххæй
Афтæ ма уый банысан кодта, республикæйы автомобилон фæндæгтæ ссыгъдæг кæныны фæдыл куыстытæ уагъд цæуынц къуырийы райдайæнæй фæстæмæ.
"Синагуры здæхты кусджытæ æнæрлæугæйæ сыгъдæг кæнынц фæндаг. Трассæйы хай ссыгъдæг кодтой, фæлæ дзы нырма ис бирæ куыст", - банысан кодта Гæбæраты Алан.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0