https://sputnik-ossetia.com/20240209/putin-fekhusyn-kodta-kay-ya-fandy-askuyddzag-kanyn-ukrainayy-uavar-banykhasy-ruadzhy-27922726.html
Путин фехъусын кодта, кӕй йӕ фӕнды аскъуыддзаг кӕнын Украинӕйы уавӕр баныхасы руаджы
Путин фехъусын кодта, кӕй йӕ фӕнды аскъуыддзаг кӕнын Украинӕйы уавӕр баныхасы руаджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ интервьюйы америкӕйаг журналист Такер Карлсонӕн фехъусын кодта, кӕй йӕ фӕнды аскъуыддзаг кӕнын... 09.02.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-02-09T10:00+0300
2024-02-09T10:00+0300
2024-02-09T10:00+0300
уӕрӕсейы
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
владимир путин
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/02/09/27921981_0:1:3072:1729_1920x0_80_0_0_895efa23041f26f604ffcae0101e8b43.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ интервьюйы америкӕйаг журналист Такер Карлсонӕн фехъусын кодта, кӕй йӕ фӕнды аскъуыддзаг кӕнын Украинӕйы уавӕр баныхасы руаджы, хъусын кӕны РИА Новости.Владимир Путин бахахх кодта, Уӕрӕсейӕн уый бантыст иу хатт, Стамбулы сарӕзтӕуыд стыр документ, кӕцыйыл йӕ къух ӕрфыста украинӕйаг делегацийы разамонӕг Давид Арахамия."Уый йӕ къух ӕрфыста, ӕмӕ стӕй загъта: "Мах цӕттӕ уыдыстӕм бафыссын документ, ӕмӕ хӕст фӕуыдаид раджы. Фӕлӕ ӕрцыд Борис Джонсон, нӕ нӕ бауагъта уый сӕххӕст кӕнын, ӕмӕ мах ауагътам нӕ шанс". Фӕрӕдыдысты, фӕлӕ ногӕй уымӕ ӕрыздӕхӕд, ӕндӕр сӕ ницы хъӕуы. Мах цӕмӕн хъуамӕ раст кӕнӕм кӕйдӕр рӕдыдтытӕ?", - бафтыдта Путин.Путин зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта НАТО-йы ӕфсӕддон базӕтӕ, афтӕ ма америкӕйаг ӕмӕ бритайнаг базӕтӕ, кӕцытӕ райдыдтой аразын Украинӕйы территорийыл.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/02/09/27921981_341:0:3072:2048_1920x0_80_0_0_f7a4816a9ee481bc737a0a1f505ac031.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, владимир путин
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, владимир путин
ЦХИНВАЛ, 9 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ интервьюйы америкӕйаг журналист Такер Карлсонӕн фехъусын кодта, кӕй йӕ фӕнды аскъуыддзаг кӕнын Украинӕйы уавӕр баныхасы руаджы, хъусын кӕны РИА Новости.
Владимир Путин бахахх кодта, Уӕрӕсейӕн уый бантыст иу хатт, Стамбулы сарӕзтӕуыд стыр документ, кӕцыйыл йӕ къух ӕрфыста украинӕйаг делегацийы разамонӕг Давид Арахамия.
"Уый йӕ къух ӕрфыста, ӕмӕ стӕй загъта: "Мах цӕттӕ уыдыстӕм бафыссын документ, ӕмӕ хӕст фӕуыдаид раджы. Фӕлӕ ӕрцыд Борис Джонсон, нӕ нӕ бауагъта уый сӕххӕст кӕнын, ӕмӕ мах ауагътам нӕ шанс". Фӕрӕдыдысты, фӕлӕ ногӕй уымӕ ӕрыздӕхӕд, ӕндӕр сӕ ницы хъӕуы. Мах цӕмӕн хъуамӕ раст кӕнӕм кӕйдӕр рӕдыдтытӕ?", - бафтыдта Путин.
"Ӕмбарын ӕй, гӕнӕн ис уыд нӕ рӕдыд, кӕй фӕтыхджындӕр кодтам архайд ӕмӕ хӕцӕнгарзы фӕрцы аскъуыддзаг кодтам ӕрлӕууын кӕнын хӕст, кӕцы райдыдта 2014 азы Донбассы. Фӕлӕ ӕрыздӕхӕм 1991 азмӕ, НАТО нын дзырд куы радта ӕмӕ нӕ рауӕрӕх кӕндзысты сӕ архайд, ноджы ма 2008 аз, НАТО-йы дуӕрттӕ куы байгом сты, афтӕ ма зӕгъӕм Украинӕйы хӕдбардзинады Декларацийы тыххӕй, цы ран сӕхи схуыдтой нейтралон паддзахад", - загъта президент.
Путин зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта НАТО-йы ӕфсӕддон базӕтӕ, афтӕ ма америкӕйаг ӕмӕ бритайнаг базӕтӕ, кӕцытӕ райдыдтой аразын Украинӕйы территорийыл.