Хуссар Иры культурæйы министрад хатдзæгтæ скодта 2023 азы куыстæн

© Анна СанакоеваХуссар Иры культурæйы министрад хатдзæгтæ скодта 2023 азы куыстæн
Хуссар Иры культурæйы министрад хатдзæгтæ скодта 2023 азы куыстæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны культурæйы министрад ивгъуыд аз адарддæр кодта куыст бæстæйы культурон фадыджы райрæзт æмæ ирон адæмы культурон бынты бавæрыны фæдыл.
Культурæйы министрад дыццæджы хыгъдлæвæрд радта 2023 азы куыстæн. Мадзал бабæрæг кодта президент Гаглойты Алан æмæ премьер-министр Джуссойты Константин.
Уагдоны сæргълæууæг Зæгъойты Рада лæмбынæгæй радзырдта мадзæлтты тыххæй, кæцытæ ивгъуыд аз ауагъта культурæйы министрад, æмæ ма законты инициативæты тыххæй.
"Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыдысты Цæцæн, Абхаз æмæ Ульяновскы областы кульурæйы бонтæ", - загъта министр.
Пайдаджын аз уыд Паддзахадон драмон театрæн дæр, кæцыйæн ацыд авд премьерон равдысты, активонæй цыдысты гастрольты, цы ран размæ кодтой национ театралон аивад.
Цалдæр егъау концертон программæйы бавдыста Паддзахадон ансамбль "Симд" дæр.
Зæгъойты Рада ма фехъусын кодта, УФ культурæйы министрад кæй райста хъæппæрис "Симд"-ы концерт Мæскуыйы сорганизаци кæныны фæдыл.
Культурæйы министрад ивгъуыд аз æдæппæт ауагъта 80 мадзалы. Фæлæ Зæгъойты Рада банысан кодта, дарддæр кæй хъæуы ноджы активонæй дæр архайын.
Президент Гаглойты Алан бузныг загъта культурæйы фадыджы кусджытæн сæ куысты тыххæй уæзззау уавæртæ æмæ арæнæвæрд фадæттæм æнæкæсгæйæ.
© Анна СанакоеваХуссар Иры культурæйы министрад хатдзæгтæ скодта 2023 азы куыстæн
Минкультуры Южной Осетии представило отчет о работе - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.02.2024
Хуссар Иры культурæйы министрад хатдзæгтæ скодта 2023 азы куыстæн
Ног хабӕртты лентӕ
0