Хуссар Иры минæвар Венесуэлайы раарфæ кодта йæ коллегæйæн националон бæрæгбонты фæдыл

© Sputnik / Каролина Кабрал /  Ахизын медиабанкмæВенесуэлайы тырыса
Венесуэлайы тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Венесуэлайы Козаты Нарим арвыста арфæйы тел Венесуэлайы минæвар Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесæн.
Дипломат раарфæ кодта йæ коллегæйæн Фæсивæды бны цытæн, кæцы нысан кæнынц 12 февралы, афтæ ма æрбалæугæ Карнавал æмæ Масленицайы бæрæгбоны фæдыл.
Козаты Нариманы зæрдæ загъта минæвар æмæ Венесуэлайы æппæт адæмæн иудзинад, сабырад æмæ хæрзæбон.
Венесуэла банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2009 азы сентябры. Паддзахæдты æхсæн сфидар кодтой дипломатон ахастытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0