Цхинвалы скъоладзаутӕн бамбарын кодтой, цӕмӕ ӕркӕнынц наркотиктӕ ӕмӕ фӕткхӕлдтӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanФыццӕгӕм астӕуккаг скъола
Фыццӕгӕм астӕуккаг скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыд ӕнахъомты фӕдыл дӕлхайады инспекторты фембӕлд фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы ахуырдзаутимӕ. Сывӕллӕттимӕ ма ӕрныхас кодтой Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ ахуырады министрӕдты минӕвӕрттӕ. Уыдон радзырдтой скъоладзаутӕн наркотиктӕй пайда кӕныны, тамако дымыны, алкоголизмы ӕмӕ ӕнахъомты ӕхсӕн фӕткхӕлдты негативон фӕстиуджыты тыххӕй, фехъусын кодта дыццӕджы РХИ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Ӕнахъомты фӕдыл дӕлхайады хистӕр Гататы Лали радзырдта скъоладзаутӕн нырыккон дунейы негативон тенденциты тыххӕй, сӕ нымӕцы интернеты ӕндӕвдад ахуырадон процессыл, дисциплинӕ ӕмӕ фӕтк ма ӕххӕст кӕнын ахуырадон уагдӕтты ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Гататы Лали сӕ зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта ахуырдзаутӕн сӕ бартӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ, афтӕ ма радзырдта фӕткхӕлдты фӕдыл бӕрндзинады тыххӕй.
Скъоладзауты раз ралӕууыд парламенты депутат ӕмӕ парти "Ныхас"-ы сӕрдар Бесаты Зита. Уый банысан кодта, ӕвзонг фӕлтӕр кӕй у ӕхсӕнад ӕмӕ паддзахады райрӕзты бындур.
Дохтыр-нарколог Джиоты Элла радзырдта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн наркотикты хуызтӕ ӕмӕ се ‘ндӕвдады тыххӕй адӕймагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0