Хуссар Иры милици ӕрцахста нӕлгоймаджы, кӕцы фехста йӕ раздӕры ӕмкъайы

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры милици ӕрцахста нӕлгоймаджы, кӕцы фехста йӕ раздӕры ӕмкъайы
Хуссар Иры милици ӕрцахста нӕлгоймаджы, кӕцы фехста йӕ раздӕры ӕмкъайы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцы фехста йӕ раздӕры ӕмкъайы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы милицийы кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы 41-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы фехста йӕ раздӕры ӕмкъайы къах", - дзырдӕуы хъусинаджы.
МХМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, фыдгӕнӕджы бакодтой генералон прокуратурӕмӕ, йӕ ныхмӕ бакодтой уголовон хъуыддаг.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, зӕрдӕхсайгӕ 31 январы ӕрбацыд йӕ раздӕры ӕмкъайы хӕдзармӕ, фехста йын хӕцӕнгарзӕй йӕ къах ӕмӕ ракодта дыууӕ ӕнахъом сабийы. Фӕстӕдӕр сабиты фӕстӕмӕ радтой мадӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0