Хуссар Иры цалцæг кæнынц фæндагон бастдзинад Къуыдаргомы хъæутимæ

© Photo : Комавтодор РЮО Хуссар Иры цалцæг кæнынц фæндагон бастдзинад Къуыдаргомы хъæутимæ
Хуссар Иры цалцæг кæнынц фæндагон бастдзинад Къуыдаргомы хъæутимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 февр - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны автомобилон фæндæгты арæзтады комитеты сæйраг тыхтæ абоны бон здæхт сты Дзауы районы районы цæрæн пункттимæ фæндагон бастдзинад сцалцæг кæнынмæ. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Комавтодоры сæргълæууæг Гæбæраты Алан.
"Къуырийы дæргъы Ерцъо хъæуæй Синагуры онг мах уæрæх кодтам фæндаг. Уым æрцыд бирæнымæц зæйтæ æмæ бахъуыд ссыгъдæг кæнын трассæ митæй. Уымæй дарддæр Теделеты хъæумæ дæр айгæрстам фæндаг", - загъта Гæбæраты Алан.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, сын бантыст ссыгъдæг кæнын митæй Ерцъо – Цъон фæндаг.
"Ивгъуыд къуырийæ не ‘рлæууыдысты куыстытæ Гуфта-Къуаиса фæндагыл дæр", - банысан кодта Гæбæраты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Комавтодоры тыхтæ ныртæккæ здæхт сты Карзманы рдæм фæндаг сыгъдæг кæнынмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0