Гасситы Знауыр радта УФ ФХМ Дипломатон Академийы профессортӕн паддзахадон хорзӕхтӕ

© Photo : Пресс-служба посольства РЮО в РФГасситы Знауыр радта УФ ФХМ Димпломатон Академийы профессортӕн паддзахадон хорзӕхтӕ
Гасситы Знауыр радта УФ ФХМ Димпломатон Академийы профессортӕн паддзахадон хорзӕхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр УФ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) ӕвджид Дипломатон Академийы ректор Александр Яковенкойы ӕрхуындӕй хайад райста академийы 90 азы юбилейы цытӕн мадзалы.
Гасситы Знауыр Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы номӕй раарфӕ кодта ректор, профессортӕ ӕмӕ студенттӕн юбилейы цытӕн ӕмӕ сын йӕ зӕрдӕ загъта дарддӕры ӕнтыстытӕ сӕ профессионалон архайды.
Бӕрӕгбонон мадзалы рӕстӕджы Гасситы Знауыр радта Кады Орден ректор Александр Яковенкойӕн – Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕн ӕмгуыстады райрӕзтмӕ хайбавӕрды тыххӕй, афтӕ ма Республикӕйӕн бӕрзонд квалификацийы кадртӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй ӕмӕ Дипломатон Академийы 90 азы юбилейы цытӕн.
Афтӕ ма Хуссар Ирыстонӕн бӕрзонд квалификациимӕ кадртӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй схорзӕхджын кодтой: ахуырадон куыст ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕйы фӕдыл проректор, профессор Андрей Данельяны, квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны фӕдыл факультеты декан, профессор Михаил Троянскийы, ӕхсӕнадӕмон ахастыты факультеты декан, доцент Валерий Волоховы.
Александр Яковенко бузныг загъта Гасситы Знауырӕн Академийы архайдӕн саргъ кӕныны тыххӕй, афтӕ ма йӕ зӕрдӕ загъта президент Гаглойты Алан ӕмӕ республикӕйы адӕмӕн хӕрзӕбон.
Ног хабӕртты лентӕ
0