Хуссар Иры милици не ‘руагъта æнæзаконон базарад цалдæр дуканийы

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры милици не ‘руагъта æнæзаконон базарад цалдæр дуканийы
Хуссар Иры милици не ‘руагъта æнæзаконон базарад цалдæр дуканийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik. Экономикон фыдракæндтимæ тохы фæдыл фæткдаруаты кусджытæ не ‘руагътой æнæзаконон базарад Цхинвалы æртæ дуканийы.
Пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы дуканиты амалиуæгадон архайд æххæст цыд æнæ паддзахадон регистраци кæнæ лицензийæ.
Фæткхалджыты ныхмæ сарæзтой æрмæджытæ административон фæткхалды фæдыл, уыдон æрвыст æрцæудзысты тæрхондонмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0