Хуссар Иры ссардтой зынгхуыст хæстонтæ-афгайнæгты рухс нæмттæ

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры ссардтой зынгхуыст хæстонтæ-афгайнæгты рухс нæмттæ
Хуссар Иры ссардтой зынгхуыст хæстонтæ-афгайнæгты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы цыппæрæмы ацыд дидинтæ сæвæрыны церемони хæстонтæ-интернационалистты цыртдзæвæнмæ.
Советон æфсæдты Афганистанæй ракæныны 35-æм афæдзы боны цытæн мысæн мадзалы хайад райстой президент Гаглойты Алан, уæрæсейаг минæвар Марат Кулахметов, Афганистаны хæсты ветерантæ, хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг æфсæддонтæ, афтæ ма скъола-интернаты ахуырдзаутæ.
© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры ссардтой зынгхуыст хæстонтæ-афгайнæгты рухс нæмттæ
Возложение венков к памятнику воинам-интернационалистам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2024
Хуссар Иры ссардтой зынгхуыст хæстонтæ-афгайнæгты рухс нæмттæ
Цхинвалы хæстонтæ-интернационалистты цыртзæвæны раз æрæмбырд сты Хуссар Ирыстоны дæсгай æмбæстæгтæ, кæцытæ æххæст кодтой сæ интернационалон хæс æмæ æрбацыдысты сæ æмслужбæгæнджыты рухс нæмттæ ссарынмæ.
1989 азы 15 февралы фæцис Советон æфсæдты раконд Афганистанæй. Хуссар Ирыстонæй 200-йæ фылдæр адæймаджы хайад райстой хæстон архæйдтыты Афганистаны. Уыдонæй авд нал æрыздæхтысты. Се ‘ппæты дæр сын схорзæхджын кодтой ССРЦ ордентæ æмæ майдантæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0