Прокуратурӕйы радзырдтой Цхинвалы цӕрӕджы хъуыддаджы тыххӕй, уый фехста йӕ раздӕры ӕмкъайы

© Sputnik / Natalia AiriyanГенералон прокуратурӕ
Генералон прокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды дӕлхайад бадӕтта Цхинвалы тӕрхондонмӕ куырдиат, цӕмӕй ахӕстоны сбадын кӕной Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцы январы кӕрӕтты тыхӕй ракодта сывӕллӕтты йӕ раздӕры ӕмкъайӕ, афтӕ ма йын фехста йӕ къах дӕр, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Развӕлгъау фӕдысгӕрст сбӕрӕг кодта, 2024 азы 31 январы зӕрдӕхсайгӕ ӕнӕзаконон хӕцӕнгарзимӕ кӕй баскъӕрдта хисӕрмагонд хӕдзары цурмӕ, цы ран цӕрынц йӕ раздӕры ӕмкъай йӕ мад ӕмӕ дыууӕ сывӕллонимӕ. Цӕмӕй сӕ фӕтӕрсын кӕна, уый нысанӕн зӕрдӕхсайгӕ фехста дуар, кӕцыйы фӕстӕ ӕмбӕхст йӕ раздӕры ӕмкъай ӕмӕ тыхӕй ракодта сывӕллӕтты", - радзырдтой Генпрокуратурӕйы.
Зӕрдӕхсайгӕйы архӕйдтыты фӕстиуӕгӕн зианбаййӕфӕг сылгоймагӕн фӕцӕф йӕ галиу къах. Фыццӕгӕм февралы зӕрдӕхсайгӕйы фӕдыл расидтысты агуырд, дыууӕ къуырийы фӕстӕ та йӕ ӕрцахстой криминалон милицийы кусджытӕ ӕмӕ йӕ бакодтой рӕстӕгмӕдарӕн изолятормӕ, банысан кодтой Генпрокуратурӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0