Цхинвалы цӕрӕг, кӕцы кардӕй ныццавта йӕ хӕстӕджы, барвӕндонӕй ӕрбацыд милицимӕ

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы цӕрӕг, кӕцы кардӕй ныццавта йӕ хӕстӕджы, барвӕндонӕй ӕрбацыд милицимӕ
Цхинвалы цӕрӕг, кӕцы кардӕй ныццавта йӕ хӕстӕджы, барвӕндонӕй ӕрбацыд милицимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 фев - Sputnik. Цхинвалы цӕрӕг, кӕцы кардӕй ныццавта йӕ хӕстӕджы, барвӕндонӕй бацыд милицимӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Цхинвалы 41-аздзыд цӕрӕг, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы йӕ хӕстӕджы кардӕй ныццӕвынмӕ, барвӕндонӕй ӕрбацыд милицимӕ. Столицӕйы мидхъуыддӕгты министрад уадзы басгӕрст ацы цауы фӕдыл", - банысан кодтой уагдоны.

Уый размӕ куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй столицӕйы мидхъуыддӕгты хайадмӕ знон изӕры ӕрбацыд куырдиат Цхинвалы 31-аздзыд цӕрӕгӕй, кӕцы фехъусын кодта, йӕ хӕстӕг ӕй нозтджын уӕвгӕйӕ кӕй ныццавта кардӕй. Зӕрдӕхсайгӕ фӕтары ис цауы бынатӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0