https://sputnik-ossetia.com/20240216/tskhinvaly-bakodtoy-sberbank-khussar-irystony-ualamkhas-ofis-28027249.html
Цхинвалы бакодтой Сбербанк Хуссар Ирыстоны уӕлӕмхас офис
Цхинвалы бакодтой Сбербанк Хуссар Ирыстоны уӕлӕмхас офис
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы микрорайон БАМ-ы майрӕмбоны бакодтой ӕртыккаг уӕлӕмхас офис Сбербанкӕн. 16.02.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-02-16T15:25+0300
2024-02-16T15:25+0300
2024-02-16T16:08+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/418/50/4185024_0:280:3111:2029_1920x0_80_0_0_0a1512dd8299138518073d32f85ca084.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы микрорайон БАМ-ы майрӕмбоны бакодтой ӕртыккаг уӕлӕмхас офис Сбербанкӕн. Ног куыстуат фӕрог кӕндзӕн аннӕ хайӕдты куыст ӕмӕ ахъаз уыдзӕн столицӕйы цӕгатварс цӕрджытӕн. Офисы бакӕныны официалон церемони ӕрӕмных кодтой Хуссар Ирыстоны Сбербанчы бындурӕвӕрды бонмӕ, кӕцы ацыд 16 февралы 17 азы размӕ. Мадзалмӕ ӕрбацыдысты хицауады сӕрдар Джуссойты Константин, Цхинвалы мэр Хуыгаты Ромео, парламенты депутаттӕ, Национ банчы разамынад ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.Сбербанчы хистӕр Бекъойты Сослан банысан кодта, ног хайады кусдзӕн ӕхсӕз адӕймаджы. "Ӕппӕт лӕггӕдтӕ дӕр уыдзӕн ацы хайады дӕр. Арвитӕн уыдзӕн фӕрӕзтӕ дунейы ӕппӕт бӕстӕтӕм, баивын ӕхца, уыдзӕн спайда кӕныны фадат ӕппӕт лӕггӕдтӕй",- загъта Бекъойты Сослан. БАМ-ы уӕвӕг банчы ног хайад ссис ӕртыккаг уӕлӕмхас офис, уый размӕ ма дзы конд ӕрцыд Харебаты Исахъы фынгыл ӕмӕ Джиоты Аланы проспектыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/418/50/4185024_0:0:2729:2047_1920x0_80_0_0_e28c62e7b5a59105d98c7c8b1a3aee9a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы микрорайон БАМ-ы майрӕмбоны бакодтой ӕртыккаг уӕлӕмхас офис Сбербанкӕн.
Ног куыстуат фӕрог кӕндзӕн аннӕ хайӕдты куыст ӕмӕ ахъаз уыдзӕн столицӕйы цӕгатварс цӕрджытӕн. Офисы бакӕныны официалон церемони ӕрӕмных кодтой Хуссар Ирыстоны Сбербанчы бындурӕвӕрды бонмӕ, кӕцы ацыд 16 февралы 17 азы размӕ.
Мадзалмӕ ӕрбацыдысты хицауады сӕрдар Джуссойты Константин, Цхинвалы мэр Хуыгаты Ромео, парламенты депутаттӕ, Национ банчы разамынад ӕмӕ ӕндӕр официалон гоймӕгтӕ.
"Хицауады куысты приоритеттӕй иу паддзахадон лӕггӕдтӕ саразын ӕнцонвадат, сӕ нымӕцы банкон фадыджы дӕр. Цӕгатварс цӕры бирӕ адӕм, ӕмӕ коммуналон лӕггӕдтӕ фидыны тыххӕй сӕ хъуыд центрмӕ цӕуын, ныр ацы проблемӕ лыг ӕрцыд",- загъта Джуссойты Константин.
Сбербанчы хистӕр Бекъойты Сослан банысан кодта, ног хайады кусдзӕн ӕхсӕз адӕймаджы.
"Ӕппӕт лӕггӕдтӕ дӕр уыдзӕн ацы хайады дӕр. Арвитӕн уыдзӕн фӕрӕзтӕ дунейы ӕппӕт бӕстӕтӕм, баивын ӕхца, уыдзӕн спайда кӕныны фадат ӕппӕт лӕггӕдтӕй",- загъта Бекъойты Сослан.
БАМ-ы уӕвӕг банчы ног хайад ссис ӕртыккаг уӕлӕмхас офис, уый размӕ ма дзы конд ӕрцыд Харебаты Исахъы фынгыл ӕмӕ Джиоты Аланы проспектыл.