Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг ссис Европӕйы чемпионаты бронзӕйон призер

© Photo : United World WrestlingАрсений Джиоев
Арсений Джиоев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Арсений рамбылдта бронзӕйон майдан Европӕйы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Бухаресты (Румыни).
Джиоты Арсений, кӕцы архайдта Азербайджаны командӕйы сконды, бацахста ӕртыккаг бынат 86 кг уӕзы категорийы. Бронзӕйон майданыл тохы Джиоты Арсений рамбылдта ӕндӕр ирыстойнаг хъӕбысхӕйцӕг Багаты Арсланы, кӕцы архайдта Уӕрӕсейы командӕйы сконды.
Джиоты Арсений ӕмбылды кодта ӕнӕхъӕн тохы дӕргъы, фӕлӕ фӕстаг секундтыл сарӕзта ӕнтыстджын архайд ӕмӕ фӕуӕлахиз 6:4 хыгъдӕй.
Хуссар Ирыстоны минӕвар рамбылдта майдан йӕ фыццаг Европӕйы чемпионаты. Джиоты Арсений ма ХПӔ бӕстӕты II Хъӕзтыты сыгъзӕрин майданы хицау, афтӕ ма рамбылдта бронзӕйон майдан Иван Ярыгины Кубокы 2023 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0