Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль кусы штатон режимы, фӕлӕ шофыртӕ хъуамӕ сӕ цӕст дарой хъусинӕгтӕм фӕндаджы уавӕры тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Знон ищӕры Транскам рӕстӕгмӕ сӕхгӕдтой зӕйы ӕрцыды тыххӕй трассӕйы цӕгатирыстойнаг фадыгыл, фӕндагон змӕлд сног кодтой ӕмбисӕхсӕв.
"Хӕхты зӕйты ӕрцыды тӕссагдзинад кӕй ис, уый фӕдыл РХИ УУМ сиды фӕндагон змӕлды хайадисджытӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын. Лӕмбунӕгӕй уӕ цӕст дарут хъусинӕгтӕм фӕндаджы уавӕры тыххӕй", - банысан кодтой министрады.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0