Сау тымыгъ. Пысылмон лæджы фæдзæхст

Сау тымыгъ. Пысылмон лæджы фæдзæхст
Рафыссын
…Таусултан бадтис тыргъы, къæлæтджыныл. Базæронд, сфæлахс. Урс сæрыхил, урс зачъетæ, йæ къухы нывæфтыд лæдзæг. Иу фæкастæй адæймаг загътаид, къæлæтджыныл бадæг зæххон лæг нæу, фæлæ уæларвон зæд æрхызтис зæхмæ. Йæ уды сыгъдæгдзинад йæ цæсгомæй æрттывта. Æнæуыйдæр, ныад лæг уыд хъæубæсты, æввахс хъæуты дæр Таусултан. Куы бахызтæн, уæд фæлмæн йæ мидбыл бахудт.
- Æрбацыдтæ, мæ лæппу? Кæд дæ, Ашамез, куыстæй нæма æвдæлы, уæд изæры аныхас кæндзыстæм. Фæлæ зонын, майрæмбоны фæссихор нал аздæхыс куыстмæ æмæ дæм Адмиры уый тыххæй барвыстон.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0