Хуссар Иры райдайдзысты регистраци кæнын æппæт æнæпилотон тæхæг аппараттæ

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæДрон
Дрон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад фæкарздæр кодта æнæпилотон тæхæг аппаратты хыгъд республикæйы. Æмбæлон барамынд рахастой хицауады рабадтыл æртыццæджы.
РХИ юстицийы министр Джиоты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй хъæуы уадзынц æппæт æнæпилотон тæхæг аппаратты номхыгъд. Уымæй дарддæр хыгъды лæудзæн æнæпилотон тæхæг аппараты дистанцион архайды пульты индентификацион номыр дæр.
Æнæпилотон тæхæг аппарат хыгъдыл сæвæрын кæнæ йæ уырдыгæй сисыны фæдыл куырдиат æрвыст цæудзæн республикæйы Хъахъхъæнынады министрад æмæ Паддзахадон æдасдзинады комитетмæ.
Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы законы проект расыныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0