Гаглойты Алан фембæлд Европæйы чемпионаты бронзæйон призер Джиоты Арсенимæ

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан фембæлд Европæйы чемпионаты бронзæйон призер Джиоты Арсенимæ
Гаглойты Алан фембæлд Европæйы чемпионаты бронзæйон призер Джиоты Арсенимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев – Sputnik. Гаглойты Алан фембæлд Европæйы чемпионаты бронзæйон призеримæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Джиоты Арсенимæ. Фембæлды ма хайад райста спортсмены фыццаг тренер, Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Коцты Тамерлан.
Европæйы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй уагъд цыд Бухаресты 16-18 февралы. Джиоты Арсен архайы Азербайджаны командæйы сконды.
Гаглойты Алан банысан кодта хъæбысæйхæцæджы спортивон сгуыхтдзинæдтæ.
"Дæ æнтыстытæй кад кæныс дæ Райгуырæн бæстæ æмæ адæмæн. Мæ зæрдæ дын зæгъы дарддæры æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ", - загъта президент.
© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан фембæлд Европæйы чемпионаты бронзæйон призер Джиоты Арсенимæ
Президент Южной Осетии Алан Гаглоев встретился с бронзовым призером чемпионата Европы по вольной борьбе Арсеном Джиоевым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2024
Гаглойты Алан фембæлд Европæйы чемпионаты бронзæйон призер Джиоты Арсенимæ
Паддзхады сæргълæууæг раарфæ кодта спортсмены тренертæн. Уæлдай бузныджы ныхæстæ президент загъта Джиоты Арсены фыццаг тренер, РХИ сгуыхт тренер Коцты Тамерланæн.
"Ды хæссыс егъау хайбавæрд рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ. Дæ ахуыргæнинæгтæ алыхатт дæр бацахсынц призон бынæттæ æмæ уымæй кад кæнынц Ирыстонæн", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Стыр спортивон æнтыстытæ æмæ Европæйы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй æнтыстджын архайды тыххæй президент схорзæхджын кодта Джиоты Арсены Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0