Хуссар Иры фæкарздæр кæндзысты бæрндзинад фæндагон змæлды фæтктæ фехалыны тыххæй

© Пресс-служба МВД РЮОМХМ рейдтæ
МХМ рейдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад фæкарздæр кодта административон бæрндзинад фæндагон змæлды фæтктæ фехалыны тыххæй.
Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæргълæууæг Гуыцмæзты Алан банысан кодта, "Фæндагон змæлды фæтктæ фехалыны фæдыл административон æмæ уголовон бæрндзинад"-ы законмæ ивындзинæдтæ бахæссыны нысан у сфидар кæнын административон ивартæ саразгæ фыдракæндмæ гæсгæ.
"Административон ивартæ сфидар кодтой уымæ гæсгæ æмæ куыд егъаудæр фыдракæнд сæххæст кодта гоймаг, уымæ гæсгæ фылдæр уыдзæн бæрндзинад", - загъта министр.
Министр ма бафтыдта, зæгъгæ, фæстаг цалдæр азы дæргъы республикæйы фылдæр кæнынц фæндагон змæлды фæткты фехæлд æмæ фæндагон-транспортон цауты нымæц.
Законы проектыл æрныхас кæныны рæстæджы РХИ фæллойад æмæ социалон райрæзты министр Гаглойты Олег банысан кодта, республикæйы нырма кæй нæй уавæртæ автотранспортон фæрæзты фæдзæхст æмæ техникон басгæрстæн, уый фæдыл МХМ кусджытæ хъуамæ ма фыссой ивартæ шофыртæм уыцы документтæ куы нæ уой, уæд. Гаглойты Олегы ныхæстимæ сразы сты хицауады аннæ уæнгтæ.
Ивындзинæдтæ хынцгæйæ законы проект райстой æмхъæлæсæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0