Сау тымыгъ. Æртындæсы ингæны уæлхъус

Сау тымыгъ. Æртындæсы ингæны уæлхъус
Рафыссын
…Уыцы рæстæджы Дзæрæх та уæззау зæрдæйы равгимæ уæззау къахдзæфтæй фæцæйцыд Згъудеры къуылдыммæ. Арæх-иу цыдис ардæм. Зын-иу ын куы уыдис, уæд-иу йæ масты дзæкъул ам суагъта. Æмæ та йын ныр дæр йæ фырт уыцы дудгæ бонтæ йæ зæрдыл куы æрлæууын кодта, уæд та йæ хъуыдытæ ахастой æрдæгæнусæй фылдæры размæ цы цаутæн уыд æвдисæн, уырдæм. Горæты бастдзинады хайадæй куы рахызт, уæд æй хæдзармæ йæ къах нал ахаста. Араст йæ ахуыр фæндагыл… Схæццæ æртындæс цæхæрцæст ирон лæппуйы ингæнмæ.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0