Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр радта "Сыгъзæрин стъалытæ" СÆО хайадисджытæн

© Пресс-служба Минобороны РФ /  Ахизын медиабанкмæСергей Шойгу
Сергей Шойгу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев - Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады разамонæг Сергей Шойгу радта Уæрæсейы Хъайтары майдантæ "Сыгъзæрин Стъалы" сæрмагонд æфсæддон операцийы хуыздæр хайадисджытæн, хъусын кæны РИА Новости УФ Хъахъхъæнынады министрадыл æнцойгæнгæйæ.
"Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министр, æфсады инæлар Сергей Шойгу УФ президент Владимир Путины барамындæй радта майдантæ "Сыгъзæрин Стъалы" уæрæсейаг æфсæддонтæн, кæцытæ равдыстой хъайтардзинад сæ хæслæвæрдтæ æххæст кæныны фæстæджы сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Министр раарфæ кодта æфсæддонтæн æмæ сын йæ зæрдæ загъта дарддæры æнтыстытæ се ‘фсæддон службæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0