https://sputnik-ossetia.com/20240228/dnestyrgrony-mblon-dzuapp-skndzysty-kishinevy-ndvdadyl-28141514.html
Днестыргæроны æмбæлон дзуапп скæндзысты Кишиневы æндæвдадыл
Днестыргæроны æмбæлон дзуапп скæндзысты Кишиневы æндæвдадыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 фев – Sputnik. Днестыргæроны алы æмвæзады депутатты уанел, кæцы ацæудзæн æртыццæджы, здæхт у Молдовайы агрессивон архæйдтыты ныхмæ мадзæлттæ... 28.02.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-02-28T13:27+0300
2024-02-28T13:27+0300
2024-02-28T13:27+0300
уӕрӕсейы
ног хабӕрттӕ
дунейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/17/16434048_0:52:1000:615_1920x0_80_0_0_c3def5e406b4cdd9132b7d498c2c6256.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 фев – Sputnik. Днестыргæроны алы æмвæзады депутатты уанел, кæцы ацæудзæн æртыццæджы, здæхт у Молдовайы агрессивон архæйдтыты ныхмæ мадзæлттæ райсынмæ. Уый тыххæй Sputnik-æн загъта Днестыргæроны Уæлдæр советы депутат Андрей Сафонов."Æтхъирæнтæн, кæцытæ рæстæгæй-рæстæгмæ æрлæууынц Днестыргæроны раз, хъæуы раттын æмбæллон дзуапп. Абоны уанелы боны фæткы темæ у Кишиневы æндæвдад, кæцы æххæст цæуы, цæмæй фæлæмæгъдæр кæной нæ экономикæ, æмæ уый ахъаз уа социалон катастрофæ æмæ Днестыргæроны паддзахады сæфтæн. Уый фæдыл абоны уанел агурдзæн ахæм политикæйæн ныхмæлæууæн мадзæлттæ", - загъта депутат.Сафонов банысан кодта, Днестыргæроны депутаттæ кæй нывæндынц бахатын "5+2" форматы хайадисджытæм, сæ нымæцы Уæрæсе æмæ ИНО-мæ.Уымæй дарддæр Сафонов бахахх кодта, зæгъгæ, Днестыргæроны депутаттæ уанелы рæстæджы нæ фæнд кæнынц райсын куырдиат Уæрæсемæ республикæйы æрбаиу кæныны фæдыл.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/17/16434048_56:0:945:667_1920x0_80_0_0_aeca50ecba0d64937f3e515e7b354c0d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, дунейы
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, дунейы
Днестыргæроны æмбæлон дзуапп скæндзысты Кишиневы æндæвдадыл
ЦХИНВАЛ, 28 фев – Sputnik. Днестыргæроны алы æмвæзады депутатты уанел, кæцы ацæудзæн æртыццæджы, здæхт у Молдовайы агрессивон архæйдтыты ныхмæ мадзæлттæ райсынмæ. Уый тыххæй Sputnik-æн загъта Днестыргæроны Уæлдæр советы депутат Андрей Сафонов.
"Æтхъирæнтæн, кæцытæ рæстæгæй-рæстæгмæ æрлæууынц Днестыргæроны раз, хъæуы раттын æмбæллон дзуапп. Абоны уанелы боны фæткы темæ у Кишиневы æндæвдад, кæцы æххæст цæуы, цæмæй фæлæмæгъдæр кæной нæ экономикæ, æмæ уый ахъаз уа социалон катастрофæ æмæ Днестыргæроны паддзахады сæфтæн. Уый фæдыл абоны уанел агурдзæн ахæм политикæйæн ныхмæлæууæн мадзæлттæ", - загъта депутат.
Сафонов банысан кодта, Днестыргæроны депутаттæ кæй нывæндынц бахатын "5+2" форматы хайадисджытæм, сæ нымæцы Уæрæсе æмæ ИНО-мæ.
Уымæй дарддæр Сафонов бахахх кодта, зæгъгæ, Днестыргæроны депутаттæ уанелы рæстæджы нæ фæнд кæнынц райсын куырдиат Уæрæсемæ республикæйы æрбаиу кæныны фæдыл.