https://sputnik-ossetia.com/20240228/ivar-kana-ugolovon-barndzinad-tsy-ankhalma-kasy-avdisanma-tarkhondonma-kuy-na-tsaua-uad-28143365.html
Ивар кӕнӕ уголовон бӕрндзинад: цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕвдисӕнмӕ тӕрхондонмӕ куы нӕ цӕуа, уӕд
Ивар кӕнӕ уголовон бӕрндзинад: цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕвдисӕнмӕ тӕрхондонмӕ куы нӕ цӕуа, уӕд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕвдисӕн гӕнӕн ис хӕсса уголовон, науӕд та административон бӕрндзинад тӕрхондоны рабадттӕм куы нӕ цӕуа, уӕд, фехъусын... 28.02.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-02-28T15:19+0300
2024-02-28T15:19+0300
2024-02-28T15:19+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/16/10901758_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_be6949d50506320e53c65500e44d8b09.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕвдисӕн гӕнӕн ис хӕсса уголовон, науӕд та административон бӕрндзинад тӕрхондоны рабадттӕм куы нӕ цӕуа, уӕд, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн Уӕлдӕр тӕрхондоны пресс-службӕйы. Цхинвалы горӕты тӕрхондон ныр цалдӕр хатт арвиты хонӕнтӕ ӕвдисӕнтӕм, фӕлӕ уыдон нӕ цӕуынц рабадттӕм. 19 февралы рабадты тӕрхондон аскъуыддзаг кодта ӕвдисӕнты тыхӕй ӕрбакӕнын. Уагдоны ма бамбарын кодтой, тӕрхондоны рабадтмӕ бацӕуын нӕ домдӕуы ахӕм ӕвдисӕнтӕй, кӕцытӕ сты 14 азы кары онг, уӕззаукъах сылгоймӕтӕ ӕмӕ уӕззау рынчынтӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/16/10901758_273:0:1713:1080_1920x0_80_0_0_0744908e3b20ccee6850bb8641411919.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
Ивар кӕнӕ уголовон бӕрндзинад: цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕвдисӕнмӕ тӕрхондонмӕ куы нӕ цӕуа, уӕд
ЦХИНВАЛ, 28 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕвдисӕн гӕнӕн ис хӕсса уголовон, науӕд та административон бӕрндзинад тӕрхондоны рабадттӕм куы нӕ цӕуа, уӕд, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн Уӕлдӕр тӕрхондоны пресс-службӕйы.
Цхинвалы горӕты тӕрхондон ныр цалдӕр хатт арвиты хонӕнтӕ ӕвдисӕнтӕм, фӕлӕ уыдон нӕ цӕуынц рабадттӕм. 19 февралы рабадты тӕрхондон аскъуыддзаг кодта ӕвдисӕнты тыхӕй ӕрбакӕнын.
"Тӕрхондоны рабадтмӕ ӕвдисӕн ӕнӕ ахсджиаг аххосагӕй куынӕ цӕуа, уӕд закъон домы уый фӕивар кӕнын 2500 сомы, кӕцыдӕр хатты та гӕнӕн ис ӕмӕ хӕсса уголовон бӕрндзинад дӕр", - загътой пресс-службӕйы.
Уагдоны ма бамбарын кодтой, тӕрхондоны рабадтмӕ бацӕуын нӕ домдӕуы ахӕм ӕвдисӕнтӕй, кӕцытӕ сты 14 азы кары онг, уӕззаукъах сылгоймӕтӕ ӕмӕ уӕззау рынчынтӕ.