Хуссар Иры ӕхсӕдынц бӕлӕстӕ ӕмӕ ӕфснайынц фӕндаггӕрӕттӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры ӕхсӕдынц бӕлӕстӕ ӕмӕ ӕфснайынц фӕндаггӕрӕттӕ
Хуссар Иры ӕхсӕдынц бӕлӕстӕ ӕмӕ ӕфснайынц фӕндаггӕрӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы комитет бавнӕлдта республикон трассӕты фӕндаггӕрӕтты хӕрарӕзтадмӕ – уагъд цӕуынц ӕфснайыны ӕмӕ ӕхсӕдыны куыстытӕ.
Комитеты разамонӕджы хӕдивӕг Гӕбӕраты Мураты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ фӕндагон службӕтӕ кусынц Знауыры здӕхтыл.
"Уагъд цӕуынц ӕфснайыны куыстытӕ Цхинвал-Знауыр трассӕйы фӕндаггӕрӕтты, уымӕй дарддӕр кусджытӕ ӕхсӕдынц бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕртӕ, кӕцытӕ хъыгдарынц фӕндагон змӕлд. Ацы фадыджы куыстытӕ куы фӕуой, уӕд нӕ кусджытӕ рахиздзысты Транскаммӕ, уый фӕстӕ та Цхинвал-Ленингор трассӕмӕ", - загъта Гӕбӕраты Мурат.
Автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы комитеты бӕрны сты республикон трассӕты 320 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0