Цæгат Иры фенцондæр кодтой туристтæн "Мамысон" æмæ Мидæгрæбындон æхсæрдзæнтæм бацæуæн

© Sputnik / Анна КабисоваДæргъæвс
Дæргъæвс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев - Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) Арæнгæрон дæлхайад Цæгат Ирыстоны фæдыл фæкъаддæр кодта арæнгæрон зонæ туристон-рекреацион комплекс "Мамысон" æмæ Мидæгрæбындон æхсæрдзæнты районы, уыдон хæстæг сты Уæрæсейы паддзахадон арæнмæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстонимæ. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
ФÆС барамындмæ гæсгæ, туристтæн ныр фадат ис æнæ пропускы документтæй цæуын ацы улæфæн бынæттæм.
"Ацы фадгуыты аиуварс кодтой арæнгæрон режимы фæтктæ æмæ ныр нал хъæуы аразын пропускы документтæ ацы территориты", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Уыимæ иумæ, арæнгæрон зонæмæ бацæуын кæй фæнды, уыдоны хъæуы райсын пропусктæ республикæйы Арæнгæрон дæлхайадмæ куырдиат бадæттыны руаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0