Ленингоры спортивон скъолайы райдыдта капиталон цалцӕг

© Sputnik / Natalia AiriyanЛенингор
Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.02.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 фев – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Егъау ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн Ленингоры поселочы сывӕллӕтты-ӕрыгӕтты спортивон скъолайы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы пресс-службӕйы сӕргълӕууӕг Кокойты Анжела.
"Ахуырадон уагдоны райдыдта капиталон цалцӕг. Ранӕуӕг кӕндзысты спортивон секциты бӕстыхӕйттӕ. Объектыл кусынц Ленингоры районы администрацийы ӕвджид Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ", - радзырдта Кокойты Анжела.
Ленингоры районы администрацийы Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад ӕмӕ арӕзтады фӕдыл дӕлхайады хистӕр Битарты Виталийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, капиталон цалцӕджы фӕлгӕтты цӕст дардзысты санитарон нормӕтӕм дӕр – бӕстыхайы сараздзысты санузел ӕмӕ душ.
Ранӕуӕггонд бӕстыхайы ӕвзонг спортсментӕ райдайдзысты тренировкӕ кӕнын майы.
Ног хабӕртты лентӕ
0