Ам нырма зымӕг у: хӕххон курорт Цъон кусдзӕн нырма иу мӕй

© Sputnik / Аманда Томаева Цъон
 Цъон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Республикӕйы столицӕ Цхинвалы ныллӕуыд уалдзыгон боныгъӕд, фӕлӕ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы хӕххон курорт нырма дӕр кусы ӕнӕкъуыхцыйӕ - бырӕн фӕзтыл ныр дӕр ис бирӕ мит, уӕлдӕф у уазал. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта улӕфӕн бынаты фысымтӕй сӕ иу Джиоты Владимир.
"Цъоны ныр дӕр у зымӕг. Ам у ӕндӕр "паддзахад", бынтон ӕндӕр климатимӕ. Ам нырма дӕр ӕнагъӕддаджы бирӕ мит ис, у уазал, ӕмӕ миты хъӕпӕнты бынӕй нырма дӕр ӕмбондтӕ нӕ зынынц. Иууыл къаддӕр иу мӕй Цъон нырма кусдзӕн", - загъта Джиоты Владимир.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зымӕгон улӕфӕн зонӕ куы бакодтой, уӕд цыд иууыл фылдӕр улӕфджытӕ, фӕлӕ ныр дӕр адӕм цӕуынц ацы коммӕ.
Улӕфӕн курорт Цъон кусы ныр фӕндзӕм аз. Фӕсивӕды политикӕ ӕмӕ спорты комитет ацы бынат равзӕрстой 2019 азы.
Ног хабӕртты лентӕ
0