Ирон æрмхæцæг рамбылдта Санкт-Петербурджы спартакиадæ

© Фото из личного архива Батрадза Плиева Плиты Батрадз
 Плиты Батрадз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ 1 мар – Sputnik, Плиты Фатима. Хуссарирыстойнаг армрестлер Плиты Батрадз рамбылдта Санкт-Петербургы тыхон спорты хуызты спартакиадæйы фыццаг бынат. Ирон æрмхæцæг расгуых 90 килограммы уаззы.
Ерыстæ нывонд уыдысты Уæрæсейы спорты мастер, хъæбатырдзинады ордены кавалер Тимофей Шапинæн.
"Аст ныхмæлæууæг мын уыд æмæ мын бантыст алкæуыл дæр фæуæлахиз уæвын. Ацы аз нырма ай у мæ фыццаг уæлахиз", - загъта Sputnik.
Плиты Батрадз у Хуссар Ирыстоны хуыздӕр ӕрмхӕцджытӕй иу. Спортыл фӕцайдагъ ис скъолайы рӕстӕджы. Йӕ хӕзнадоны ис Уӕрӕсейы, дуне ӕмӕ Европӕйы фыццагады майдантӕ. Ныридӕгӕн ахуыр кӕны Санкт-Петербурджы Михайловскы ӕсфӕддон артиллерион академийы, фӕлӕ спортыл йӕ зӕрдӕ не 'сивта. Архайы ӕхсӕнадӕмон ерысты ӕмӕ горӕты фыццагады.
Ног хабӕртты лентӕ
0