Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта МСНК-ы кусджытæн уагдоны бындурæвæрды 21 азы цытæн

© Аманда ТомаеваПрезидент Гаглойты Алан раарфæ кодта МСНК-ы кусджытæн уагдоны бындурæвæрды 21 азы цытæн
Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта МСНК-ы кусджытæн уагдоны бындурæвæрды 21 азы цытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 мар – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта МХМ-йы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (ОМСН) ветерантæн æмæ кусджытæн сæ бындурæвæрды 21 азы цытæн.
© Аманда ТомаеваПрезидент Гаглойты Алан раарфæ кодта МСНК-ы кусджытæн уагдоны бындурæвæрды 21 азы цытæн
Гаглоев поздравил бойцов ОМСН с 21-й годовщиной со дня образования  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2024
Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта МСНК-ы кусджытæн уагдоны бындурæвæрды 21 азы цытæн
Уый бахахх кодта, уагдоны кусджыты бæрзонд профессионализм кæй у цæрджыты æдасдзинады гарант.
"Уæ хъæбатырдзинад, профессионализм æмæ æхсар сты рæзæгæ фæлтæртæн дæнцæг. Уæ цæттæдзинады бæрзонд æмвæзад у цæрджыты æдасдзинады гарант æмæ хъахъхъæны республикæйы закъон æмæ сабырад", - загъта президент.
Бæрæгбоны цытæн уагдоны къорд кусæджы рахицæн кодтой паддзахадон æмæ уагдонон хорзæхтæй. Президенты барамындæй уагдоны хистæры хæдивæг Плиты Владимир раста милицийы булкъоны ном. Службæй командир Бететы Русланæн та лæвæрд æрцыд барадхъахъхъæнæг органты сгуыхт кусæджы ном. Уымæй дарддæр ма цардæр адæймаджы та райстой майдантæ "Защитнику Отечества " æмæ "На страже мира в Южной Осетии".
Ног хабӕртты лентӕ
0