Сау тымыгъ. Мӕ фӕстӕ дидин ракалӕд нӕ Ир!

Сау тымыгъ. Мӕ фӕстӕ дидин ракалӕд нӕ Ир!
Рафыссын
Згъудеры къуылдыммӕ-иу зӕронд Дзӕрӕхы Данел кодта арӕх. Дзамболат дӕр-иу ӕй сласта кӕддӕрты, ӕмӕ ныр дӕр машинӕ йӕ зонгӕ бынаты ӕрлӕууыд. Рахызт уӕззаугай Дзӕрӕх, дӕлӕмӕ, горӕтырдӕм кӕсгӕйӕ йӕ мидбылты бахудт, стӕй лӕппутӕм бадзырдта, зӕгъгӕ, аздӕхут сымах.
- Алӕудзыстӕм дӕ цуры, дада, - цыдӕр зӕрдӕхсайӕджы каст бакодта Дзамболат Дзӕрӕхмӕ.
Нӕ, мӕ лӕппу, абон цины бон у кӕстӕртӕн, нӕ хъусыс, горӕтӕй адӕмы цины хъӕртӕ ай онг дӕр куыд хъуысынц. Аздӕхут, лӕппутӕ, Данелӕн-иу зӕгъ ӕмӕ мӕм ссӕуӕд уый фӕстӕдӕр…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0