"Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы уадзӕн фадӕттӕ фӕфылдӕр уыдзысты 400 хӕдтулгӕйы бӕрц

© Photo : Пресс-служба президента РЮОКПП "Нижний Зарамаг"
КПП Нижний Зарамаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Таможнӕйон пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы уадзӕн фадӕттӕ йӕ реконструкцийы фӕстӕ фӕфылдӕр уыдзысты 400 траспортон фӕрӕзы бӕрц иу суткӕмӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ы брифингы рӕстӕджы фехъусын кодта РХИ Таможнӕйы комитеты сӕргълӕууӕг Цоциты Александр.
"Бирӕ азты дӕргъы "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы уадзӕн фадӕтты проблемӕ нӕ скъуыддзаг кодтой. Ацы проблемӕйыл дзырдта президент Гаглойты Алан дӕр йӕ рабадты рӕстӕджы. Абоны бон "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы уылты цӕуынц 700-1400 транспортон фӕрӕзы. Реконструкцийы фӕстӕ уыдон нымӕц фӕфылдӕр уыдзӕн 400 хӕдтулгӕйы бӕрц", - банысан кодта Цоциты Александр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы президент рабадты рӕстӕджы йӕ цӕст ӕрдардта кусджыты цухдзинады проблемӕмӕ "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы.
"Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы уадзӕн пункты кусджыты нымӕц куы нӕ фӕфылдӕр уа, уӕд пробкӕты проблемӕ нӕ аскъуыддзаг уыдзӕн. Уӕрӕсейаг коллегӕтӕ нын дзырд радтой, кӕй ӕрныхас кӕндзысты ацы фарстыл ӕмӕ ӕрцӕудзысты иумӕйаг хъуыдымӕ", - загъта уый.
Хуссар Ирыстоны Таможнӕйы комитеты разамонӕг ма бафтыдта, зӕгъгӕ, уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕг"-ы реконструкцийы кӕронбӕттӕн проект ӕрбавдисдзысты ацы аз апрель-майы.
Ног хабӕртты лентӕ
0