Гаглойты Алан бахӕс кодта ПӔК-ӕн сӕххӕст кӕнын ӕдасдзинад УФ президенты ӕвзӕрстыты РХИ

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik. Президент Гаглойты Алан фехъусын кодта, бӕрнон ахаст кӕй хъӕуы дарын ӕдасдзинады фарстытӕм Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны.
Паддзахады сӕргълӕууӕг дыццӕджы хайад райста РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) коллегийы, кӕцыйы рӕстӕджы хатдзӕгтӕ скодтой уагдоны оперативон-службӕйон архайдӕн 2023 азы ӕмӕ снысан кодтой хӕслӕвӕрдтӕ 2024 азмӕ.
"Ацы аз ацӕудзысты Уӕрӕсейы Федерацийы президенты ӕвзӕрстытӕ. Уый уыдзӕн ахсджиаг цау нӕ республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон царды. Хъӕуы тынг бӕрнон ахаст дарын ӕдасдзинады фарстытӕм Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты ӕдасдзинадмӕ Хуссар Ирыстоны", - загъта Гаглойты Алан коллегийы рабадты рӕстӕджы.
Республикӕйы территорийыл ӕдӕппӕт байгом уыдзӕн 12 ӕвзарӕн фадыджы: фондз Цхинвалы, ӕхсӕз Дзауы, Знауыры ӕмӕ Ленингоры районты, ноджы иу фадыг та уыдзӕн 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы территорийыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0