РХИ хицауады сӕрдар банымадта Цхинвалы ЦКХ фиддонты ӕмбырдкӕнынады ӕмвӕзад ныллӕгыл

© Photo : Пресс-служба правительства Южной ОсетииРХИ хицауады рабадт
РХИ хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 мар - Sputnik. Цхинвалы коммуналон лӕггӕдты фӕдыл фиддонты ӕмбырдкӕнынад нӕй хорз ӕмвӕзадыл ӕмӕ ӕвӕстиатӕй хъӕуы райсын мадзӕлттӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Джуссойты Константины ныхӕстӕ министрты кабинеты пресс-службӕ.
"Хъӕуы бакусын энергоресурсты фӕдыл хӕсты проблемӕйыл ӕмӕ райсын ӕвӕстиатӕй организацион ӕмӕ барадон мадзӕлттӕ, цӕмӕй сфидар кӕнӕм фидыны дисциплинӕ куыд цӕрджыты ӕхсӕн, афтӕ коммерцион ӕмӕ бюджетон организациты ӕхсӕн дӕр", - бахахх кодта Джуссойты Константин рабадты рӕстӕджы.
Рабадты рӕстӕджы нысангонд ӕрцыд, Цхинвалы къорд бирӕфатерон хӕдзӕртты электрохӕдзарад кӕй хъӕуы ӕркӕнын ӕмбӕлон уагмӕ.
Рабадты кӕрон премьер бахӕс кодта бакусын фарстыл, цӕмӕй бирӕфатерон хӕдзӕртты мидӕггагон электрохызӕгтӕ радтой столицӕйы администрацийы балансӕй Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс – Хуссар Ирыстоны" бӕрнмӕ.
© Photo : Пресс-служба правительства Южной ОсетииРХИ хицауады рабадт
Совещание по вопросам работы ЖКХ и улучшения собираемости платежей - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2024
РХИ хицауады рабадт
Ног хабӕртты лентӕ
0