Уæрæсейаг инвестор нывæнды скусын кæнын æхсыры фермæ Аунеуы хъæуы

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæСтавдкъах фос
Ставдкъах фос - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 мар - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хисæрмагонд инвестор Уæрæсейæ нывæнды скусын кæнын æхсыры фермæ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Аунеуы хъæуы, фехъусын кодта журналисттæн районы администрацийы разамонæг Гобозты Алан.
"Махмæ æрбадзырдта хисæрмагонд инвестор, цæмæй скусын кæна æхсыры завод Аунеуы хъæуы. Уый нæ ракуырдта паддзахадон æххуыс", - загъта Гобозты Алан.
Администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, инвесторæн ныридæгæн ис куысты фæлтæрддзинад, "уымæн ис 900 ставдкъах фосы Уæрæсейы".
"Инвесторы ном тагъд рæстæджы фехъусын кæндзыстæм", - бафтыдта районы разамонæг.
Аунеуы базардон-æхсыры фермæйы арæзтад райдыдта 2011 азы, фæлæ нæ фæцис финанскæнынадимæ проблемæты тыххæй.
© Sputnik / Михаил АвагимовГобозты Алан
Гобозов Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2024
Гобозты Алан
Ног хабӕртты лентӕ
0