Гаглойты Алан ауагъта рабадт УФ президенты ӕвзӕрстытӕм цӕттӕкӕнынады фарстыты фӕдыл

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан ауагъта рабадт УФ президенты ӕвзӕрстытӕм цӕттӕкӕнынады фарстыты фӕдыл
Гаглойты Алан ауагъта рабадт УФ президенты ӕвзӕрстытӕм цӕттӕкӕнынады фарстыты фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан бахӕс кодта сӕххӕст кӕнын максималон ӕдасдзинад Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕмӕ ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй активон хайад райсой хъӕлӕскӕнынады.
Паддзахады сӕргълӕууӕг къуырисӕры ауагъта рабадт УФ президенты ӕвзӕрстытӕм цӕттӕкӕнынад ӕмӕ ауадзыны фарстыты фӕдыл. Президент бахӕс кодта районтӕ ӕмӕ горӕтты разамонджытӕн, афтӕ ма алы уагдонӕн дӕр, цӕмӕй координаци кӕной сӕ архӕйдтытӕ ӕмӕ бӕрнон ахаст дарой ацы процессмӕ.
Гаглойты Алан бахахх кодта, Хуссар Ирыстон радон хатт кӕй хъуамӕ равдиса, кӕй лӕууы Владимир Путины фарс.
"Мах хъуыды кӕнӕм, Владимир Путин тынг бирӕ кӕй сарӕзта Хуссар Ирыстонӕн, ирон адӕмы фервӕзын кӕнынӕн. Нӕ фембӕлды рӕстӕджы та фарон марты уый ногӕй равдыста йӕ сӕрмагонд ахаст нӕ республикӕмӕ", - загъта президент.
Паддзахады разамонӕг фехъусын кодта, 12 марты Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл кӕй ацӕудзӕн митинг-концерт Владимир Путины ӕнцойӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0