Ирыстойнаг спортсменкӕ ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау боксӕй

Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. Спортсменкӕ Цӕгат Ирыстонӕй Хъуылаты Софья рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй "Жемчужина Адриатики". Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.
"Хъуылаты Софья рамбылдта сыгъзӕрин майдан 57 кг уӕзы категорийы. Фыццаг тохы ирон спортсменкӕ фӕуӕлахиз Сидюк Айжаныл (Казахстан) 5:0 хыгъдӕй, финалы 1/2 хайы – Джил Ариаднайыл (Мексикӕ) 4:1 хыгъдӕй, финалы та – Синг Анжали Кумарийыл (Инди)", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Черногорийы фӕцис ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй "Жемчужина Адриатики" 17-18 азы кары ӕрыгӕтты ӕхсӕн. Турнир ӕрӕмбырд кодта 245 боксеры 22 бӕстӕйӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0